Шахмæтты райрæзт æмæ фæсивæды хуыздæртæ I Изæры рад

Уæрæсейы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, нæ бæстæйы скъолаты ахуырдзаутæн сфидар кодтой уæлæмхасæн уроктæ – шахмæттæй. Ацы цауы тыххæй бирæтæ зонынц. Фæлæ куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй та хъуысынгæнинæгтæ арæх нæ фехъусæм. Фылдæр шахмæттæ кæй зæрдæмæ цæуынц æмæ цымыдисаг кæмæ кæсынц, уыдоны хсæн. Æрæджы та Дзæуджыхъæуы уыд фыццаг республикон турнир шахмæттæй. Ерысгæнджыты цæттæдзинадыл, сæ ахуыргæнджытыл æмæ скъолаты ифтонгдзинадыл уыдзæн нæ программæйы фыццаг хай. Нæ республикæйы студенттæ алыхуызон конкурсты, фестивальты æмæ форумты сæхи иттæг хорз кæй равдисынц, уымæн бирæ æвдисæнтæ ис. Æнæ грантæй стæм хатт сыздæхынц. Афтæ æрæджы дæр… Хæххон аграрон университеты студентты къорд абалц кодта Калининградмæ. Уыд дзы студентты фембæлд «Уæрæсейаг хурныгуылд» - уырыссагау «Российский Запад». Цæимæ ацыдысты æмæ цæимæ æрыздæхтысты, ууыл уыдзæн нæ дарддæры ныхас. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top