Ахæм хабæрттæ// 2022/ 28 марта

Мобилон фармацевтон пункттæ хъуамæ кусой, афтектæ цы хъæуыты нæй, уым. Ахæм хæс республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады размæ сæвæрдта регионы разамонæг Сергей Меняйло аппаратон æмбырды. Цæуыл ма ныхас кодтой хицауады уæнгтæ, уый радзурдзыстæм. Алы къæвда дæр Доваторы номыл уынджы 244-æм хæдзары цæрджытæн у фæлварæнау. Сæ хæдзары уавæр у зæрдæхсаинаг. Хъæуы йæ бындуронæй рацаразын, зæгъынц адæм. Мин сабийæ фылдæр бацархайдтой сывæллæтты сфæлдыстадон ерыс «Амыраны рухс» -ы. Ирон æавзаг парахат кæныны æмæ сывæллæтты райрæзтыл архайын — ахæм нысанимæ фестиваль арæзт æрцыд ныр 6-æм хатт. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top