ИРОН ФÆНДЫР. УСГУРЫ МÆТ

УСГУРЫ МÆТ Мæ хуры хай, Рæсугъд чызгай, Куы нæ дæ федтаин, бæргæ!.. Дæ хъазынмæ, Дæ зарынмæ Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!.. Дæ дзыхы дзырд Æнæ рæдыд Ныццæвы зæрдæйы кæрон!.. Цы кæндзынæн, Куыд цæрдзынæн Æнæ дæу, амæддаг дын уон!
Back to Top