ИРОН ФÆНДЫР. САЛАМ

САЛАМ Хуыцауæй арфæгонд нæ фестæм, Нæ сæртæ нал ысты нæ бар, Æмæ дзæбæх зæгъынхъом не стæм Дæуæн, фæлæ нын æй ныббар!.. Нæ зонд – цыбыр, мæгуыр – нæ зæрдæ, Æдых, фæллад лæгау, нæ дзырд... Фыдæн нæ дзыллæйæн æгæр дæ, Æвгъау у мах хæхтæн дæ цыт!.. Дæ кад мыггагмæ у цæринаг, Дæ цард гъеныр дæр у сæдæ: Зæххыл дын нал баззад кæнинаг, – Дæ мæсыг амайын фæдæ.
Back to Top