Ахæм хабæрттæ // 2021 / 17 марта

Наркоманийы ныхмæ мадзæлттæ чи `ххæст кæны, уыцы æхсæнадон организацитæм хъæуы лæмбынæгдæр кæсын. Сæрмагонд æмбырды уый тыххæй дзырдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Джиоты бинонтæ фыдбылызы бахаудтой - сæ хæдзар басыгъд. Фыдбылызы иунæг уæвын æлгъысты хуызæн у. Хæрзгæнджытæ сын разынд. Æххуыс сын цы хуызы ис бакæнæн, уый тыххæй радзурдзыстæм. Йæ цард киноаивадимæ чи сбаста, ахæм адæймаг. Зындгонд оператор æмæ режиссер - Гулуты Вячеслав бæрæг кæны йæ 80 азы юбилей. Кинематографимæ цы ’вæрæн бахаста, уымæн аргъ нæй. Юбилярæн раафæ кодта не сфæлдыстдон къорд дæр. _________________________ Мы рядом в: ok.
Back to Top