Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой. Нарты кадджытæ

Бон уылынг рæзтысты, æхсæв та уыдисн дыууæ фаззон лæппуйы. Фат æмæ ’рдынæй хъазынхъом куы фесты, уæд иу бон рацыдысты уынгмæ, фатæрдынæй хъазгæ. Æгас Нарт сæ фаты хъæрæй бамбæхстысты. Къулбадæг ус йæ чызджы рарвыста донмæ. Хæмыц æй куы суыдта, уæд æй фехста, æмæ чызгæн йæ донгарз ныцъæл ис, йæ уæлæ цы дзауматæ уыд, уыдон дæр фат ныскъуыдтæ кодта. Чызг фæстæмæ кæугæ-кæугæ баздæхтис, æмæ йæм йæ мад дзуры: — Цы кодтай, дæ мад дæ быныл баззайа, дон цæуылнæ ’рбахастай? Уый йын загъта: — Дæлæ мæ Хæмыц фехста фатæ
Back to Top