“УДÆНЦОЙ“ исп. Т.Мамсыраты. сл.С.Хацырты, муз. В. Плиты
Видео посвящается 100-летию Сергея Хацырты - осетинского поэта, писателя, драматурга, публициста.
Поет Тасолтан Мамсыраты
слова Сергея Хацырты, музыка Уасила Плиты
УДÆНЦОЙ
Арф кæмтты Леуахи зары,
Уылæнтæй хъазы фæрнæй.
Йе взист фæлурс тынтæ луары
Уæлæ бæрзонд хæхтыл мæй.
Бадын æз донгæрон, бадын,
Де нгас мæм донæй кæсы.
Курын дæ æмæ дæм хатын,
Рахиз мæ цурмæ фæзын.
Уарзын фылдæр дæу мæ удæй,
Зæрдæ дæу домы æрмæст.
Цардау дæ мидбылты худтæй,
Де нгасæй не фсæды цæст.