Фынджы фæтк
Не ‘гъдæуттæ тынг цымыдисаг сты. Бирæтæ дзы афтæ рагон сты, æмæ сын сæ бæлвырд мидис хъуыды дæр нал кæнæм. Уыдонæй у, æвæццæгæн æмæ фынджы фæтк дæр. Хистæр куы скувы, уæд кæстæрмæ аходынмæ авæрынц бæгæНыфс къус, уæливых æмæ фыдызгъæлæй. Цы хъуыды æвæрд ис уыцы уагæвæрды, уымæ байхъусут нæ ног равдыст «Нысантæ»-йы.
00:00 Программæйы сæр.
01:13 Равдысты фарст.
04:30 Ирон фынг у æвдисæн, кувæг адæм æмзонд æмæ æмвæнд кæй сты, уымæн.
07:02 Сываллон сыгъдæг у, уымæн æй ацаходын кæнынц кувæггагæй.
Хъантемыраты Эльбрусы цæстæнгас фарстмæ.
08:51 Ацы *гъдауы чырыстон дины тæваг.
09:17 Фынджы фæтк у ирон адæмы æфсæддон историйы æмæ фæлтæрты æмгомдзинады æвдисæн.
11:05 Равдысты хатдзæг.
_________________________
Мы рядом в: