Хохы Дзуарыхъæу I Фæрдгуытæ
Рæсугъд æмæ фæрнæйдзаг у Ирыстоны зæхх. Йæ урссæр хæхтæй, сыр-сыргæнаг æхсæрдзæнтæй, абухгæ хæххон цæугæдæттæй, бæрзонд цъæх арвы риуыл цæргæсты уындæй. Уыцы алæмæты нывтæм æрвылбондæр кæсы Хохы Дзуарыхъæуы цæрæг Дудиаты Æхсарбег. Æрбынат кодта Ирыстоны рæсугъддæр кæмтты астæу æмæ æнтысджынæй цæуы амонды фæндагыл.
_________________________
Мы рядом в: