Вадим (Бужук) Харебов - Фæкæсын уæм арæх, нæ хæхтæ
Фæкæсын уæм арæх, нæ хæхтæ - Вадим (Бужук) Харебов
слова: Людмила Галаванова
музыка: Ахсар Джигкаев
Фæкæсын уæм арæх, нæ хæхтæ,
Уæ бæрзæндтæй разилы сæр:
Куыд уын бантъыст байрæзын афтæ?
Тыхгæнæг уын ма уа æмсæр.
Куы ныдздзæгъæл вæййын мæ фæндты,
Куы риссы, куы цуды мæ къах.
Сымах мын ― ныфсы хос, нæ хæхтæ,
Мæ развæндмæ дарут цырагъ.
Нæ хæхтæ ― нæ сагъæс, нæ намыс.
Уæ цинимæ баиу мæ цин.
Куы фестин фæндырдзæгъдæг æммыст ―
Уæ кадæн, уæ номæн цæгъдин.
Фæкæсын уæм арæх, нæ хæхтæ.
Уæ бæрзæндтæй разилы сæр:
Куыд уын бантъыст байрæзын афтæ?
Тыхгæнæг уын ма уа æмсæр.