Хæблиаты Сафар I Судзаг æвзаг

Хæблиаты Сафары роман «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы» æвдисы хирурджы куысты зындзинæдтæ. Рох нæу сæйраг хъайтары миддуне дæр. Фæлæ канд уыдæттæй хъæздыг нæ рауад фыссæджы ’взаг. Романы ма ссардтам тынг бирæ цымыдисаг æмæ хъæугæ дзырдтæ. Фехъусын сæ кæндзыстæм. Табуафси! *ХЪУЗГ: «Сæнар куынæ уа, уæд айдагъ нартхоры хъузг тыртырæй асудздзæн *КЪÆРМÆГ:  «Сихорæй нырмæ, арвæн цыма раст йæ КЪÆРМӔГ æрхауди, уыйау уарын нæ банцад» *УЫХЕРЫ:  «Зыдта: райсом йæ бон ницы бакусын суыдзæн, æнæбары уыхеры фæкæндзæн.» *КЪУДА: «Уыдонæй дæр бирæты баййæфта къуда бæмбæджджынты» *ИЗÆРСАРÆЙ: «Уæд æй изæрсарæй хъуыды дæр не ’ркодта» *ÆНАХЪИНОН: «Маскæ йыл нал уыди, æмæ чызг федта æнахъинон фындз» *ДЫСАЛГЪ: «Осмæн йæ дысалгъыл мидæмæ бахæцыд — æхсæз сахаты æмæ æвддæс минуты» *ХÆДЗ: «Йæ къухы — уисæй конд хæдзыл æнгуылдзыйас кæсаг» * ТЪЕПА: «Уæдæй нырмæ ацы тъепайы номыл бадыс» *ГÆЛДÆР: «Алхæст — æртиссæдзаздзыд гæлдæрджын сырхцъар лæг» *ДЗАГЪУЛ: «Аирвæзтæ та, мæ хæлар, куыд дæм кæсын, афтæмæй, — хæлæггæнæгау бадзагъул кодта Т
Back to Top