Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ киноныв «Фатимæ» ирон æвзагыл
Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ - ирон адæмæн æхсызгон лæвар. Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы премьерæ. Æмæ хуымæтæджы нæ. Поэты æнæмæлгæ поэмæ “Фатимæ“-мæ гæсгæ ист кинонывы хъайтартæ сдзырдтой иронау. Киноныв фенынмæ Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театрмæ æрбацыд бирæ адæм. 60 азы размæ цы аивадон кинолентæ систой, уый йæ арф мидисæй алкæйы зæрдæмæ дæр ссардта фæндаг. Ныр та йын, зæгъæн ис, æмæ райдыдта дыккаг цард. Куыд куыста сфæлдыстадон къорд киноныв ирон æвзагмæ ратæлмац кæныныл, æмæ йын