Ирон чъиритæ, хъисын фæндыр, “Нæртон“ хъæзтытæ æмæ нæхиуæттæ - Турчы!

Ирон чъири йæ ном кæдмæ `фтаудзæн цæсты? Цы бакæнын хъæуы, цæмæй йын искуы патент фæзына, æмæ “каркджын-креветкæджынтæ“ мауал уынæм? Ууыл дзырдтам нæ программæйы фыццаг хайы. Афтæ ма не `ргом аздæхтам хъисын фæндырмæ. Рæхджы йыл хъуамæ рауадзой чиныг. Зæрдæйæ тæгтыл йæ тæгтæ кæмæн баст сты, уыцы уадынгарзы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой нæ уазджытæ. Æмæ ма ноджыдæр ирон цардæй... Республикæйы парахат кæнынц национ спорт æмæ хъæзтыты хуызтæ. Сæ радон къæпхæны тыххæй базондзыстут нæ программæйæ. Уæдæ ма нæ уазджытæ комкоммæ бастдзинады фæрцы уыдысты, ныртæккæ Турчы чи `вдисы йæ арæхстдзинад, уыцы ирыстойнаг фæсивæд. Сæ бæхтæ семæ цы кусынц æмæ Бурак Озчивиты кæм федтой? Уый тыххæй нын сæхæдæг радзырдтой.
Back to Top