Й цардй ахицн Урсейы Федерацийы сгуыхт, Цгат Ирыстоны адмон артист Суанты Хъазыбег

Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Суанты Хъазыбег. Бæрзонд æмæ хæрзконд, йæ хъæлæс — зæрдæмæхъаргæ. Суанты Хъазыбег театр æмæ кинойы цы сурæттæ раргом кодта, уыдон абон дæр уарзон сты адæмæн. Архайдта “Ах любовь”, “Семейная драма”, “Курьер на Восток” æмæ æндæр кинонывты. ️ Суанты Хъазыбегæн бантыст сæххæст кæнын сæдæ сурæтæй фылдæр. Кæддæриддæр архайдта ирон аивад парахат кæныныл. Фæстаг дыууæ азы актеры ‘нæнидзинад фæцудыдта. Фæлæ уæддæр йæ уарзон театр арæх бæрæг кодта. ️ Суанты Хъазыбегыл цыд 79 азы. Йæ фæстæ ныууагъта хъæздыг бынтæ æмæ рох кæнæн кæмæн нæй, ахæм сфæлдыстадон истори. Подписывайтесь на irystonTV Source: IrystonTV
Back to Top