‍ Цæгат Ирыстон рагæй дæр аграрон республикæйыл нымад у

‍ Цæгат Ирыстон рагæй дæр аграрон республикæйыл нымад у. Хъæууон хæдзарад кæд раздæрау хъомысджын нал у, уæддæр иу-цасдæры фæстæ ногæй йæ къæхтыл слæудзæн. Цæй фæрцы ис уыцы хъуыддагмæ æрцæуын? Цавæр куысты хуызтæ хъæуы сног кæнын? Цавæр фидæн æнхъæлмæ кæсы хъæууонхæдзарадон кусджыты цæттæггæнæг ахуыргæнæндонмæ æмæ куыд ис æрыгæтты æргом зæхх æмæ фос дарынмæ раздахæн? Уыдæттыл программæ #Амигдалæ-йы ныхас кæнæм профессор, хæххон паддзахадон аграрон университеты ректор Гогаты Олегимæ. Кæсут 28-æм октябры 21:20 Source: IrystonTV
Back to Top