Дзæуджыхъæуы 48 æм скъолайы æрцыд зынгсирвæзт

Абон Дзæуджыхъæуы 48-æм скъолайы æрцыд зынгсирвæзт. Бæллæхы тыххæй хъусынгæнинаг æнæнхъæлæджы уавæрты министрады райстой 11 сахаты æмæ 20 минутыл. Бынаты балæууыдысты ирвæзынгæнджытæ. Арт ахуыссын кодтой. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, зынгсирвæзт æрцыд фыццæгæм уæладзыджы асинты бынмæ. Бæстыхайæ æдас ранмæ ракодтой 500 адæймагæй фылдæр. Хъыгдæрд ничи баййæфта. Зынгсирвæзты бынатмæ сæмбæлд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Бахæс кодта регионы æппæт ахуырадон уагдæттæ басгарын. Сбæлвырд кæнын, зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæн дзуапп дæттынц, æви нæ, уый. Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæн районы прокуратурæ сарæзта зынгсирвæзты фæдыл басгæрст. Æнæнхъæлæджы цауы фæстиуджытæ, горæты администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй аиуварс кæндзысты хæстæгдæр 5 бонмæ. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top