Альбина Хант-Магомедова I Не ’взаг - сæ хæзна
Программæ «Не ’взаг - сæ хæзна»- йы архайджытæ вæййынц æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ. Уыдон ирон æвзагæн кæнынц стыр аргъ, уарзынц æй, дзурынц йыл. Йæ фидæныл та, æвæццæгæн æмæ, нæхицæй тынгдæр тыхсынц. Нæ радон равдысты архайæг у дагестайнаг чызг. Бæлвырддæр та авайраг адæмы минæвар, курдиатджын журналисткæ æмæ поэт - Альбина Хант-Магомедова.
_________________________
Мы рядом в: