Адæмы хорзæх - адæмы фыдæх. Ныхасы фæдыл
Нæ фыдæлтæм бæрзонд бынаты æвæрд уыд канд цы адæмы `хсæн цардысты, уыдон нæ, фæлæ ма сæ дунейы цæрæг иннæ адæмы хæттытæ дæр цы зæгъдзысты, цы ахъуыды кæндзысты, уый. Сæ сæйраг нысан уыд, кадимæ цæргæйæ, сæ фæстæ рухс фæд ныууадзын. Дзырдтой, уайдзæфæй, дам, рынчын кодтой, фидисæй - мæлгæ. Сæ сæрмæ никæд хастой æгаддзинад. Фæзминаг лæгæй-иу загътой: «Уый кадыл мæлгæ лæг у, зæгъгæ». Уыимæ сæ хуыздæр арфæтæй иу уыд «Адæмы хорзæхæй хайджын у». Нæ абоны ныхас дæр уыдзæн «Адæмы хорзæх æмæ адæмы фыдæхыл». Кусæм комкоммæ эфиры, ис нæм кæомкоммæ бастдзинад дæр. Нæ телефоны номыр у 72 - 28 - 86.
Абон нæ студийы уазджытæ сты «Иры Стыр Ныхасы» сæрдар Кучиты Руслан æмæ йæ хæдивæг Дзæгъойты Вячеслав.
_
Мы рядом в: