Малхаз (Финт) Алборов - Гæдыбæлас
Гæдыбæлас - Малхаз (Финт) Алборов
Калынц та гæдыбæлæстæ пакъуы
Калынц та гæдыбæлæстæ фист
Мæн æппындæр ацы фембæлд нал хъуыд
Риуы та ныдодой кодта рис
Базард:
Уæлдæфы куы систа зилдух митау
Бæлæстæн сæ бумбули фæлмæн
Зымæгæн цæмæн фæлмæн йæ митæ
Нæй йæм мæгуыр мит уарды тæмæн
Атахтысты урс бæлæттæ уарзтæн
Уарзтæн ма дзы баззадис йæ ном
Урс дыргъдоны сау фæткъуытæ ма уидз
Мауал агай зæрдæйы хъæдгом
Базард:
Уæлдæфы куы систа зилдух митау
Бæлæстæн сæ бумбули фæлмæн
Зымæгæн цæмæн фæлмæн йæ митæ
Нæй йæм мæгуыр мит уарды тæмæн
Гæдыбæлас - тополь
Урс гæдыбæлас - осина