Наукон фестиваль бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы администраийы сæргълæуææг Милдзыхты Вячеслав

Абайты Васо, Токаты Геор, Дзарасаты Сослан, Къомайты Руслан...Наукæйæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы ирæтты нæмттæ зындгонд сты æппæт дунейыл дæр. Наукæйы боны агъоммæ, Милдзыхты Вячеслав бабæрæг кодта муниципалон фестиваль. Бацæттæ йæ кодтой горæты цыппар скъолайы. Администрацийы сæргълæууæг фæсивæдæн радзырдта, ацы боны ратæдзæны тыххæй. Ныхас кодтой йæ ахсджиагдзинадыл дæр. Наукæйы бон нысангонд кæй æрцыд, уый æруаджы фæзынд наукæ æмæ аивæдты фыццаг академи. Йæ студент суæвын гæнæн уыд алы курдиатджын адæймагæн дæр. Абон ахсджиаг у, цæмæй дарддæр дæр фæсивæды алывæрсыг райрæзтæн æппæт уавæртæ дæр арæзт цæуой. Сывæллæтты куыд сразæнгард кæнæм, уымæй аразгæ уыдзæн нæ фидæн, фæнысан кодта Милдзыхты Вячеслав. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top